Куы рцаеры сонт заердаейы уарзт
Уаед дуне ахораентаей хъазы,
Цъаех арвмае уаед сваеййы каст,
Хуыцауы хорзаехтае дае раезы,
Фаетаехыс рог маргъау баерзонд,
Ыстыр хаехтае -ныллаег къуылдымтае,
Уаед алцы даер хъындилы онг
У цинад заердаейы раебынтаей.
У хъармдаер хур, у ирддаер бон,
Аехсаев та маейы мидбыдхудтаей
Фаезынынц хаехтае арвгаерон
Саерыстыраей сае митын худты.
Куы 'рцаеры сонт заердаейы уарзт,
Аеппает дуне уаед у аенцойуат,
Раевдауаег - бур стъалыты каст,
Аенкъараг удаен та аенцойад.
Свидетельство о публикации №124111503819