Сауцъиу

Бады сауцъиу тулдзбаеласыл,
Иу ранмае нымдзаст.
Цъиутае алырдыгаей зарынц,
Бады уый аенцад .

Раст цыма йае саеры маегъзты
Хъуыдытае фыцынц,
Уый хуызаен  йае дыууае цаесты
Дардырдаем каесынц.

Дымгае сыфтаертыл ныдзаевы,
Змаелын сае каены,
Сауцъиу къалиуыл нындаегъди,
Нал йае сым цаеуы.

Каед ,мыййаг,йае ахстон фехаелд?
Фесаефти йае къай?
Уагаер афтае,цаваер аефхаерд,
Дзиба,баййаефтай?

Цард тызмаегаей каесы хаттгай,
Куы ваеййы фаелмаен.
Афтае даер мын дзуапп нае раттай,
Циу дае мает даеуаен ?

Алкаемае даер ,хъус баерзондаей,
Искуы 'рхауы зын ,
Фаелае хъуамае ды аендонау
Ма комай саеттын .


Рецензии

В субботу 22 февраля состоится мероприятие загородного литературного клуба в Подмосковье в отеле «Малаховский дворец». Запланированы семинары известных поэтов, гала-ужин с концертной программой.  Подробнее →