Заердаейы баеллиц у артау раесугъд
Бамыр и бастае, мае нал зыны хур.
Урс халас абадти каердаеджы саерыл.
Нал зарынц цъиутае даер баелаесты цур.
Арты раз бадын, аеппарын дзы сугтае.
Хурау мын хъарм каены сырх арт мае уд.
Раздаеры бонтае- мае амонды муртае,
Алаемаеттагау уыдысты раесугъд.
Уайы мае цаестытыл уалдзаеджы уддзаеф,
Рудзынгаей зымаег каед каесы, уаеддаер.
Схъарм уыдзаен искуы йае уазал хъызт улаефт.
Акаелдзаен аердзыл мае арты цаехаер.
Свидетельство о публикации №119112409944