Аез федтон фын...

Аез федтон фын. Куыд хъарм уыди йае уддзаеф!
Мае заердаейы лаеууы йае фаелмаен фаед.
Мае ахстиагаен фехъуыстон йае улаефт.
Аеваеццаегаен мын аей лаевараен радта заед.

Цыма мах дард фаендагыл ацыдыстаем рухсмае.
Мае къух мын райста, рбалхъывта йае 'васт.
Йае хъарм русаей мын бандзаевыд мае русмае
Аемае мае фидардзинад таласаей ныссаст.

Саеууон хур мын тыххаей мае фын фаесырдта-
Аевиппайды 'сси аегъатыр зал'м.
Аез райхъал даен, мае рухс аргъау фаецыдаер,
Фаелае мае русыл баззади йае хъарм.


Рецензии