Куывд
Тугуараенты уацхаессаег.
Куыд хъуамае ракаенон хъаст?
'Рбауахтон аей маехаедаег...
Йае фаедыл фаезындысты Хин,
Къаейныхдзинад аемае Тас,
Цъаммар, Хаелаег, АЕлгъин.
Аразынц цаел-минас.
Намыс - бафхаердтой аевзаертае,
Хъару - сын уырдыгаестаег.
Фсарм аемае Цин фаесдуартае,
Бынат сын нал каены фаг.
Фыдхъуыдытаей абузы зонд,
Буар аедыхаей фаелурс.
Ракаес маем Уац-Баерзонд,
Иттаег маен хъаеуы аеххуыс!
Акаен мае уд сыгъдаег,
Бафснай йае аив,раесугъд!
Баиргъаев маен,Царддаеттаег!
Уый у - мае саейраг куывд!
Свидетельство о публикации №114021302053