Ирон адаем, саефы не взаг!
Нае мадаелон аевзаг – нае намыс, нае тых!
Мин азы даеу буцаей нае заердаеты хастам,
АЕвирхъауаей гъе ныр дае н’амонд аерцыд...
Хъаездыг мае раесугъдаей нае каемтты заелыддтае,
Хъаебулау дае буцаей раевдыдта Къоста,
Даеуыл кодтой зараег, нае зындгонд поэттае
Маегуыр мае гаевзыккаей мае разы ныр та!
Дае хурхыл дын слаеууыд уырыссаг Цаегаты,
Гуырдзиаг та Хуссарварс хинтае каены,
Наехаедаег дае радтам фаендонаей маелаетаен...
Ирон адаем, райхъал ут, не взаг саефы!
Свидетельство о публикации №109060405288