Ацы царды аез даеу уарзын

Уарзондзинад риуы ссыгътай,
Адджын ныхстае куы кодтай.
Тайын ыз..
Фыны даер аедзух даеу уынын,
Ды мае заердаейы раебыны
Куы цаерыс!

Ды фаецыдтае дард бастаемае
Райгуыраен заехх бахъахъхъаенын
У дае хаес.
Иу фаекаст ма маем фаекодтай,
Мае дае цаестаенгасаей загътай:
«Нхъаелмае каес!»

Ацы царды аез даеу уарзын,
Ды маенаен мае рахиз базырау
Куы дае!
Демае ссардтон аез мае амонд,
Ды маенаен мае уды баелон,
Уарзын даеу!

Раздаех ды раехджы фаестаемае
Хорзаехджынаей нае баестаемае,
Кувын аез.
Чызджы сагъаес уаед фаелидздзаен,
Мигъ бон ирд хураей фаеивдзаен,
Уый зоныс..

аез даеумае куы нхъаелмае каесын,
Нае даеу тынг зын у фаеразын,
Сау лаеппу.
Рустыл цаесты сыг ызгъаелы,
Мысын даеу, мае царды стъалы,
Тагъд аерцу!

19.08.2008




* На осетинском языке


Рецензии